Си Цзиньпины æртыккаг æмгъуыдмæ равзæрстой Китайы сæрдары бынатмæ

© Sputnik / Алексей Савицкий /  Ахизын медиабанкмæСи Цзиньпин
Си Цзиньпин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Адæмон минæвæртты Æппæткитайон æмбырды депататтæ æмхъæлæсæй равзæрстой Си Цзиньпины Китайы сæрдары бынатмæ æртыккаг фондзазон æмгъуыдмæ, хъусын кæны РИА Новости.
Паддзахады сæргълæууæджы æвзæрстытæ ацыдысты 14-æм æрсидты Адæмон минæвæртты Æппæткитайон æмбырды фыццаг сессийы æртыккæгæм пленарон рабадтыл. Си Цзиньпин ссис Китайы фыццаг сæрдар, кæцыйы равзæрстой æртыккаг æмгъуыдмæ. Уымæй дарддæр ма политикы равзæрстой Китайы Централон æфсæддон советы сæргълæууæджы бынатмæ.
Бæстæйы ныры лидеры фыццаг хатт равзæрстой 2013 азы 14 марты, 2018 азы 17 марты та йæ равзæрстой дыккаг фондзазон æмгъуыдмæ.
Уæрæсейы президент Владимир Путин раарфæ кодта Си Цзиньпины Китайы сæрдары бынатмæ равзарыны фæдыл æмæ банысан кодта, Уæрæсейы стыр аргъ кæй кæнынц Си Цзиньпины хисæрмагонд егъау хайбавæрдæн дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты райрæзтмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0