Цæгат Иры Горæтгæройнаг районы ФТЦ фæстиуæгæн фæмард адæймаг

© AP Photo / Emrah GurelЦæгат Ирыстоны Горæтгæройнаг районы ФТЦ фæтиуæгæн фæмард адæймаг
Цæгат Ирыстоны Горæтгæройнаг районы ФТЦ фæтиуæгæн фæмард адæймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Горæтгæройнаг районы æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), уый фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг. Уый тыххæй хъусын кæны 15-й Регион республикæйы МХМ пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.

"Развæлгъау информацимæ гæсгæ, "Лада Веста"-йы скъæрæг цыд Тарсчы хъæуы ᾿рдыгæй Октябрьскийы хъæуы ᾿рдæм æмæ баскъæрдта адæймагыл, кæцы лæууыд хæдтулгæты фæндагыл, фистæджытæн ахизыны бынатæй нæ зынд", - дзырдæуы хъусинаджы.

МХМ радзырдтой, адæймаг кæй фæмард бынаты. Барадхъахъхъæнæг уагдоны уадзынц аварийы фæстиуæгæн басгæрстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0