Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

49. БУЛАТЫХЪОЙЫ НЫХАС СОЛЫМИМÆ

49. БУЛАТЫХЪОЙЫ НЫХАС СОЛЫМИМÆ
Рафыссын
Зымæджы тыхдымгæтæ æмæ уалдзæджы тæрккъæвдатæм бруйы сис æркалд æмæ йæ ногæй амадта Булатыхъо. Фæуд кодта йæ куыст, афтæ дæлæрдыгæй, хъæуы астæуты нарæг, дурджын фæндагыл, куыйтæ сæ уæлныхты æристой цавæрдæр барæджы. Булатыхъо уис фелвæста, ахъавыд куыйты баиргъæвынмæ, фæлæ фæкомкоммæ барæгмæ æмæ йæ уис иуырдæм мæсты зыввытт ныккодта.
Барæг уыд Солым. Æхсæртæджы æрцахсты фæстæ æлгъ рай­дыдта Солымыл. Лæгау æргомæй нæ, фæлæ, калмау, сусæгæй хæцыд, адæймаг æнхъæл чердыгæй нæ вæййы, уым æй чъылдымырдыгæй ныррæхойы.
Цыма йæ æппындæр нæ федта, уыйау, ногæй йæ куысты сæр æрлæууыд.
Уæдмæ йæ уæлхъус февзæрдис Солым. Уæлбæхæй салам радта:
— А-а-а-ай Булатыхъо куы дæ. Дæ бон хорз. Æгайтма æгас хæ­дзар ссардтай. Афтæ у, мæ хур, иекæй хæдзары лæг уазæг у, йæ къухтæ — баст, хи хæдзары та лæг фысым дæр у æмæ Хуыцау дæр. Уæллæй, стыр æхсызгон мын у.
— Дæ зондхъуаг, цыма, нæ дæн, — йе уæхсчы сæрты йæм æхсгæ каст фæкодта Булатыхъо.
— Цæй, цы мын бустæ кæныс, зæрдæйæ дын зæгъын, æхсызгон мын у, ам дæ кæй уынын. Цæй, бæхæй æрхиз мын зæгъ. Æнæуæздан ма у.
— Æрхиз. Хонæг дæм куы нæ арвыстон, мыййаг.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0