Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

50. СЫБЫРЫ ФÆНДÆГТÆ

50. СЫБЫРЫ ФÆНДÆГТÆ
Рафыссын
Фæндæгтæ... фæндæгтæ... фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндæгтæ. Туг æмæ цæстысыджы фæндæгтæ сты Сыбыры фæндæгтæ. Ахст бæллицты, саст ныфсыты фæндæгтæ. Бирæ ахст адæм фæцыд уæззау хъадаманты бастæй уыцы фæндæгтыл удхæссæджы хъæлæсмæ. Фæлæ дзы иу стæмты йеддæмæ фæстæмæ раздæхын никæмæнуал бантыст. Чи ма дзы раздæхы, уый дæр къорд азты фæстæ низджынæй, зæронды кары. Зыд æмæ æнæфсис сты, паддзах мæгуыр адæмæн дард уазал Сыбыры цы ахæстæттæ скодта, уыдон, зындоны куыройы фыдтау сæм паддзах æрвылаз дæр калы, йæ ныхмæ чи рацæуы, уыцы æнæбасæттонты æмæ сæ ссы удтæ ссæн куыройы.
Æмæ мæнæ фæцæуы Æхсæртæг дæр, фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл дард, æцæгæлон бæстæмæ, удтæ ссæн уазал Сыбырмæ. Фыццаг сæ ластой æхтæд вагæтты поезды, стæй сæ иу ран раргъæвтой, æндæр ахстыты ма сын семæ бакодтой æмæ сæ этаппæй арвыстой нысангонд бынатмæ. Фæцыдысты иу къуыри, дыууæ... æртæ... æнæхъæн мæй. Уый фæстæ дзы ферох сты бонтæ. Цыдысты хъæуæй хъæумæ, горæтæй горæтмæ... хатт-иу сыл фæндаг хъæуæй хъæуы ’хсæн афтæ тынг ныддаргъ, æмæ-иу сæ удтæ гæркъайы хуынчъы фæцæйлæстысты. Фæндаг цыд куы æдзæрæг быгъдæг быдырты, куы тар æгæндæг хъæдты ’хсæнты, куы та астæумæ хъамылтыл æмæ тæссаг цъыфдзæстытæ æмæ фæтæн цæугæдæтты сæрты. Æхсæртæг кæимæ цыдис, уыдонæн сæ бæрæг фылдæр æмбис уазал æмæ стонгæй фæндæгтыл фæцагъды сты. Чи дзы аирвæзт, уыдон дæр ма æнæбары хылдысты размæ.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0