Дменисы хъæуы ахуыссын кодтой хус кæрдæджы ссыгъд

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад
Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы ссыгъд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй зынгсирвæзты фæдыл хъусинаг æрбацыд хуыцаубоны 21.04 сахатыл. Цауы бынатмæ ацыдысты дыууæ зынгфæдисон къорды.
Уый размæ, 10 марты, республикæйы УУМ зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт техникон бæстыхайы Цхинвалы районы Дменисы хъæуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0