Хуссар Иры цæрæджы æрцахстой аргъуанæй 90 мин сомы адавыны тыххæй

© Sputnik / Алексей Вовк /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры цæрæджы æрцахстой аргъуанæй 90 мин сомы адавыны тыххæй
Хуссар Иры цæрæджы æрцахстой аргъуанæй 90 мин сомы адавыны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрурæдтой республикæйы 26-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы аргъуанæй æхцатæ адавынмæ. Уый тыххæй къуырисæы хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, Знауыры районы Цъорбисы хъæуы аргъуанæй æхцатæ адавыны фæдыл хъусинаг кæй æрбацыд милицимæ 11 марты. Знауыры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ æрурæдтой ацы фыдракæнды зæрдæхсайгæйы – Знауыры районы Бехъмары хъæуы 26-аздзыд цæрæджы.
"Развæлгъау сбæлвырд кодтам ацы нæлгоймаджы хайадист ноджы цалдæр адавды, кæцытæ уый сæххæст кодта ацы аргъуаны 2022 азы октябрæй 2023 азы январьмæ. Нæлгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, адавгæ æхцаты иумæйаг суммæ рацыд 90 мин сомы", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0