Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

51. АХÆСТОНЫ ТОХ

51. АХÆСТОНЫ ТОХ
Рафыссын
— Цæй æрдиаг у?! Цы ’рцыдис? — карзæй бафарста ахæстоны æхсæврадгæс афицер. Дзуапп ын куы ничи радта, уæд баздæхт Хъазмæ, — æви та бакодтай фыдбылыз? Цы?! Зæгъ æй?
— Ацы хатт ын йæхи хæмхудтæ снадтой, — загъта ахстытæй кæцыдæр. — Æнхъæлдæн æмæ нызгъæлæнтæ йæ бырынкъ.
— Нызгъæлæнтæ? — фæдисау афицер. — Æмæ чи уыд?
— Æз, господин афицер, — цыма Æхсæртæг стыр аххосджын уыд, — йæ сæр йæ риуыл æруагъта. — Мардта мæ кардæй... уæртæ, — ацамыдта цæджындзы сагъд кардмæ, — уыныс?
Афицер кард рафтыдта цæджындзæй.
— Кæм дын уыд? — ныккомкоммæ Хъазмæ.
— Æууæ... æууæ... æ-æ, — йæ цæстытæ сæ къуырфытæй рабырыдысты, афтæмæй архайы дзурыныл, фæлæ æфсæртæ кæрæдзимæ æввахс нал цæуынц.
— Хæцаг галæн, дам, йæ сыкъа сæттаг у æмæ цалынмæ ацы кард дæхи зæрдæйы нæ ныссæдза, уæдмæ нæ базондзынæ зонд, — афи­цер ныккомкоммæ Хъазмæ. — Смæрддаг у уæлæмæ. Ды дæр мæ разæй, — ацамыдта Æхсæртæгмæ дæр.
Уыцы æхсæв афицер Хъазы ахæстоны дохтырмæ акодта, Æхсæртæджы та уазал карцеры смидæг ласта.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0