"ДИФ-ты сæрибардзинад Латвийы": журналист Марат Касемы æрцахсыны лыстæгдзинæдтæ

© Sputnik / Нина ЗотинаМарат Касем
Марат Касем - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2023
Рафыссын
14 марты Sputnik Литва агентады шеф-редакторыл æххæст кæны 33 азы. Фæлæ йæ райгуырæн бон йæ бинонты æхсæн нысан кæныны бæсты журналист ацы бæрæгбон æрвиты латвиаг ахæстоны, цы ран уый ис дыууæ мæйæ фылдæр
ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Марат Касем у Латвийы æмбæстаг, цалдæр азы дæргъы цæры æмæ кусы Мæскуыйы медиакъорд "Россия сегодня"-йы, уырдæм хауы Sputnik Литва дæр. 2022 азы 30 декабры журналист æрцыд Латвимæ бинонты хабæртты фæдыл. Sputnik Литва куыд фехъусын кодта, афтæмæй Касемы æрурæдтой, 5 январы та йæ тæрхондон бакодта ахæстонмæ. Журналисты ныридæгæн ракодтой Ригайы Централон ахæстонмæ.
Касемы æрцахсыны цауы фæдыл сæ хъуыды загътой йæ коллегæтæ, афтæ ма уæрæсейаг политиктæ. Медиакъорд "Россия сегодня"-йы генералон директор Дмитрий Кисилев банымадта ацы хъуыддаг æнæзакъононыл.

"Уый у æцæг политикон фæдылдзу, кæцыйæн нæй барадон бындуртæ. Тынг хъыг нын у, адæймаг кæй бахауд уæззау уавæры. Ацы цау æвдисы, бæстæ æмæ æппæт Евроцæдисы кæй нæ кад кæнынц дзырды сæрибардзинадæн", - загъта уый.

Ахæм цæстæнгас равдыста Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова дæр. Уый бахахх кодта, Касемы æрцахсыны хъуыддагæй кæй систой маст принципиалондзинады тыххæй, кæцы журналист æвдыста йæ куысты рæстæджы.
Латвийы тæрхондон 18 январы рахаста уынаффæ, цæмæй Касемы ныууадзой ахæсты. Афтæмæ журналистты адвокаттæн аиуварс кодтой сæ апелляци. Уыимæ иумæ Касемы адвоваттæ фехъусын кодтой, кæй бахъаст кæндзысты адæймаджы барты фæдыл Европейаг тæрхондонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0