Дзауы районы ссардтой рæмудзæн æрмæджы 3 килограммы

© МВД Республики Южная ОсетияДзауы районы ссардтой халæн буарады 3 кг
Дзауы районы ссардтой халæн буарады 3 кг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ссардæуыд зæрдæхсайгæ буарад, кæцы разынд рæмудзæн æрмæг аммонит, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, зæрдæхсайгæ ссарæггаджы тыххæй фехъусын кодтой МХМ радгæсон службæмæ 11.10 сахатмæ æввахс. Бынатмæ рацыд Дзауы районы мидхъуыддæгты хайады оперативон къорд æмæ МСНК инженерон-саперон къорд.
МСНК инжеренон-техникон фадыджы сæргълæууæг Гасситы Станислав куыд банысан кодта, афтæмæй зæрдæхсайгæ буарад у аммонит, йæ уæз у 3 килограммы.
Рæмудзæн æрмæг райстой, цæмæй йæ скуынæг кодтой.
Ног хабӕртты лентӕ
0