Цхинвалы мэрийы радзырдтой, кæд сцалцæг кæндзысты сæйраг горæты уынгтæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы мэрийы радзырдтой, кæд сцалцæг кæндзысты сæйраг горæты уынгтæ
Цхинвалы мэрийы радзырдтой, кæд сцалцæг кæндзысты сæйраг горæты уынгтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Ацы мæйы дæргъы республикæйы сæйраг горæты администрацийы райдайдзысты кусын Цхинвалы уынгтæ цалцæг кæныныл. Уый тыххæй Sputnik радзырдта горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Зозиты Эдуард.

"Нырма куыстытæ уагъд нæ цæуынц, уымæн æмæ асфальты завод нæ кусы боныгъæды тыххæй (уазал боныгъæды завод бирæ фылдæр хардз кæны æртаг). Марты кæрон-апрелы райдайæнмæ завод йæ куыст сног кæндзæн æмæ мах райдайдзыстæм уæрмытæ цалцæг кæнын", - банысан кодта Зозиты Эдуард.

Фæндагон уæлцъарæн йæ уавæр азæй-азмæ фыддæр кæны æмæ цæмæй ма фæфыддæр уа, уый тыххæй рæстæгыл хъæуы уавæрыл среакци кæнын.
Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, уагдоны кусджытæ æрвылаз цалцæг кæнынц уæрмытæ, фиксаци кæнынц дзыхъхъытæ æмæ зæххы скъуыдтæ, аразынц "лыггæгтæ" бынæтты, скæнынц сметæ æмæ æрæвналынц хайон цалцæгмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0