https://sputnik-ossetia.com/20230315/52-uasil-m-khsrtg-21825150.html
52. УАСИЛ ÆМÆ ÆХСÆРТÆГ
52. УАСИЛ ÆМÆ ÆХСÆРТÆГ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр фæндондзинад æмæ зæрдиагæй æрæвнæлдта Æхсæртæг ахуырмæ. Уасил зыдта уыцы хабар æмæ æгасæй дæр йæ куыст скодта Æхсæртæджы ’рдæм, нал сын æхсæв уыд, нал ... 15.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-15T14:46+0300
2023-03-15T14:46+0300
2023-03-15T14:46+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/09/21824996_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_1da54a3a87672719ad358d75df24d854.png
52. УАСИЛ ÆМÆ ÆХСÆРТÆГ
Sputnik Хуссар Ирыстон
52. УАСИЛ ÆМÆ ÆХСÆРТÆГ
Стыр фæндондзинад æмæ зæрдиагæй æрæвнæлдта Æхсæртæг ахуырмæ. Уасил зыдта уыцы хабар æмæ æгасæй дæр йæ куыст скодта Æхсæртæджы ’рдæм, нал сын æхсæв уыд, нал — бон. Уасил Æхсæртæгæн амыдта дамгъæтæ, стæй дамгъæтæ куыд фыссын хъæуы, уый. Ахуыр æй кодта нымайын дæр, æмæ тагъд рæстæджы кæсын базыдта Æхсæртæг, стæй фыссын дæр. Цымæ ма йæхицæй амондджындæр кæм уыдис, фыццаг дзырд куы бакастис æмæ фыццаг дзырд гæххæттыл куы ныффыста. Нал бафынæй фырцинæй уыцы ’хсæв.Уасил зондджын, фенæг æмæ ахуыргонд лæг уыд, стæй аудаг, рæдау, искæй мæт ын йæхи мæты хуызæн зын уыди, искæй цин та — йæхи цин. Дис кодта Æхсæртæг, ахæм Хуыцауы сконд адæймаг, цæйау фæзæгъынц, фысы комæй хал никуы раластаид, зæгъгæ, цæмæн амидæг Сыбыры. Уымæй дæр лæгмарджытимæ иумæ? Цы фыдракæнд сарæзта? Дыууæ азы размæ фыццаг хатт Уасилимæ ахæстоны иу камерæйы куы бахаудтой, Хъаз Уасилы куы ныццавта æмæ Æхсæртæг йæ сæрыл куы рахæцыд, уыцы бонæй фæстæмæ Уасил хи фырты цæстæй ракаст лæппумæ. Æниу фæстæдæр куы базыдтой ахстытæ, Уасил мæгуыр адæмы сæрыл кæй рахæцыд, паддзах æмæ полицимæ йæ ныфс кæй бахаста, уæд æм æндæр цæстæй кæсын райдыдтой. Уасил алкæмæн йæ хъуыдытæ æргомæй нæ дзырдта. Се ’хсæн уыд дзырдхæсджытæ æмæ иу хатт Уасил царды æнæрастдзинадыл ныхас куы æрыфтыдта, уæд æй дыккаг бон ахæстоны хицæуттæм банымыгъдæуыд.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/09/21824996_36:0:1119:812_1920x0_80_0_0_04cb9e33605a5e469ed2eeb907c9d583.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Стыр фæндондзинад æмæ зæрдиагæй æрæвнæлдта Æхсæртæг ахуырмæ. Уасил зыдта уыцы хабар æмæ æгасæй дæр йæ куыст скодта Æхсæртæджы ’рдæм, нал сын æхсæв уыд, нал — бон. Уасил Æхсæртæгæн амыдта дамгъæтæ, стæй дамгъæтæ куыд фыссын хъæуы, уый. Ахуыр æй кодта нымайын дæр, æмæ тагъд рæстæджы кæсын базыдта Æхсæртæг, стæй фыссын дæр. Цымæ ма йæхицæй амондджындæр кæм уыдис, фыццаг дзырд куы бакастис æмæ фыццаг дзырд гæххæттыл куы ныффыста. Нал бафынæй фырцинæй уыцы ’хсæв.
Уасил зондджын, фенæг æмæ ахуыргонд лæг уыд, стæй аудаг, рæдау, искæй мæт ын йæхи мæты хуызæн зын уыди, искæй цин та — йæхи цин. Дис кодта Æхсæртæг, ахæм Хуыцауы сконд адæймаг, цæйау фæзæгъынц, фысы комæй хал никуы раластаид, зæгъгæ, цæмæн амидæг Сыбыры. Уымæй дæр лæгмарджытимæ иумæ? Цы фыдракæнд сарæзта? Дыууæ азы размæ фыццаг хатт Уасилимæ ахæстоны иу камерæйы куы бахаудтой, Хъаз Уасилы куы ныццавта æмæ Æхсæртæг йæ сæрыл куы рахæцыд, уыцы бонæй фæстæмæ Уасил хи фырты цæстæй ракаст лæппумæ. Æниу фæстæдæр куы базыдтой ахстытæ, Уасил мæгуыр адæмы сæрыл кæй рахæцыд, паддзах æмæ полицимæ йæ ныфс кæй бахаста, уæд æм æндæр цæстæй кæсын райдыдтой. Уасил алкæмæн йæ хъуыдытæ æргомæй нæ дзырдта. Се ’хсæн уыд дзырдхæсджытæ æмæ иу хатт Уасил царды æнæрастдзинадыл ныхас куы æрыфтыдта, уæд æй дыккаг бон ахæстоны хицæуттæм банымыгъдæуыд.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.