Хуссар Иры ФХМ: Уæрæсе у фидар цæдисон æмæ æдасдзинады гарант регионы

© Наталья АйриянХуссар Ирыстоны ФХМ: Уæрæсе у фидар цæдисон æмæ æдасдзинады гарант регионы
Хуссар Ирыстоны ФХМ: Уæрæсе у фидар цæдисон æмæ æдасдзинады гарант регионы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Уæрæсе уыд æмæ ныр дæр у Хуссар Ирыстоны фидар цæдисон, æдасдзинад æмæ сабырдзинады гарант регионы, хъусын кæны республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
Уагдоны зæрдыл бадардтой 2023 азы кæй æххæст кæны 15 азы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы рдыгæй банымайыныл æмæ дыууæ паддзахады ᾿хсæн дипломатион ахастытæ сфидар кæныныл, афтæмæй ма хæларад, æмгуыстад æмæ дывæрсон æххуысы Бадзырды бафыстыл.

"Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæн ис хъæздыг истори æмæ арф уидæгтæ, нæ адæмты æввахс кæны монон æмæ культурон æнгомдзинад. Уæрæсеимæ цæдисондзинад у ирон адæмæй историон æгъдауæй равзаргæ. Иумæйагæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ᾿хсæн ахастытæ динамиконæй рæзынц æмæ стыр кæнынц реалон аппæй. Уæрæсейы Федераци уыд æмæ у Хуссар Ирыстоны фидар цæдисон, сабырдзинад æмæ æдасдзинады гарант регилогны", - дзырдæуы хъусинаджы.

УФ банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 26 августы 2008 азы. Дыууæ къуырийы фæстæ Цхинвал æмæ Мæскуы сфидар кодтой дипломатион ахастытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0