Хуссар Иры Къуыдаргомы сыгъдæг кæнынц цæугæдоны донвæд

© Администрация города КвайсаХуссар Ирыстоны Къуыдаргомы сыгъдæг кæнынц цæугæдоны донвæд
Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы сыгъдæг кæнынц цæугæдоны донвæд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы цæуынц куыстытæ Джоджорайы цæугæдоны донвæд ссыгъдæг кæныныл, цæмæй цæрæг пункттæ доны бын ма фæуой. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта горæт Къуаисайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан.
Уый банысан кодта, сыгъдæг кæй кæндзысты иууыл тæссагдæр бынæтты Фазы-хъæуæй Гулианты хъæумæ.

"Куыстытæ кæнынц дыууæ экскаваторы. Сыгъдæг кæнын хъуамæ райдыдтаиккой февралы райдианы, фæлæ сæрмагонд техникæ зымæгон фæндагыл æрбакæныны фадат нæ уыд, уый тыххæй куыстытæ фæфæстæдæр кодтой", - бахахх кодта мэр.

Хуыгаты Алан бафтыдта, сæ нывæсты кæй ис куыст фæуын иу мæйы дæргъы.
"Фароны донласты фæстиуджытæ сты æмæ ныр кусæм ахæм фæстиуджытæ мауал 'руадзыныл. Фæстаг хатт ахæм куыстытæ цыдысты 2018 азы", - загъта Къуаисайы мэр.
Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы иунæг горæт – Къуаиса. Йæ цæрджыты нымæц у иу минмæ æввахс. Советон рæстæджы ам куыста Къуаисайы здыйон-цинкон æрзæткъахæн, уымæ гæсгæ 1947 азы райдыдтой амайын шахтертæн хъæу. Горæты статус кæддæры шахтерон хъæу райста 16 сентябры 2007 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0