Транскамы тыхæй æруагътой зæйтæ

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады артиллеристтæ тыхæй æруагътой зæйтæ цæрæн пункт Уæллаг Ручъы районы.
"Зæйтæ æруагътой, цæмæй сифтонг кæной æдас ацæуæн атотранспортон фæрæзтæн Транскавказы автомагистралы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй мадзал ауагътой Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады къухдариуæгады куырдиатæй.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0