Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

53. ЦУАНОНТЫ ФÆДИС

53. ЦУАНОНТЫ ФÆДИС
Рафыссын
Арф миты къахдзоныгъты фæдыл схæццæ сты къуылдыммæ, стæй тæссармæ сæхи рауагътой комы ’рдæм. Цыдæр тар æмæ æгуыппæг уыди уыцы ран. Цуанонтæ рухсæй схызтысты комæй, стæй иу ран, æрдузæй куы ахызтысты, уæд, куыдз фæци сæ разæй æмæ фæдисы ниуд ныккодта. Сæ алыфарс, цыма миты чидæр фæратул-батул кодта, — куы ам, куы уым тугхъулæттæй зынд мит. Бæрæг уыд, хæрзæрæджы дзы стыр тох кæй рауади. Миты тугхъулон фæдыл æруадысты цуанонтæ. Уынынц: иу ран дæргъæй-дæргъмæ цъæх- цъæхид бирæгъы мард, йæ хурх æгасæй дæр æхсыд. Цы базонын ма сын æй хъуыд: уый сæ фæдисон зæронд лæдæы куыдзы хъæбатыр тохы бынат кæй уыди. Фæлæ кæм и йæхæдæг зæронд?
Æруадысты донвæдыл æмæ ноджы æвирхъаудæр ныв. Зæронд лæгæн æвæдæжиау стыр бирæгъы хурхыл йæ дыууæ къухы æнгуылдзтæ нындæгъдысты, йæ быны йæ скодта, афтæмæй æндзыгæй баззадысты сæ дыууæ дæр. Бирæгъ лæджы бын ныххурх, фæлæ лæг йæхæдæг дæр йæ уæлæ уадзыгæй лæууы. Цуанонтæ æрысгæрстой лæджы. Лæгæн йæ цæнгтæ хæстытæ, йæ агъд дæр афтæ. Хъæдгæмтты туг фæцыд. Зæронд бафæллад хъæбысхæсты ахæм хъæхъхъаг сырдимæ, уымæй дæр æгæр бирæ туг фесæфта æмæ бирæгъы уæлæ тыхсастæй баззад. Цуанонтæ æрчъицын кодтой зæронды, йæ хъæдгæмттæ йын бабастой. Лæг йе муд куы ’рцыд, уæд æй се ’ккой скодтой æмæ йæ афтæмæй миты хæссын райдыдтой.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0