Дзӕуджыхъӕуы сӕвӕрдзысты арӕнӕвӕрдтӕ фӕндагон змӕлдыл "Патриот" киноныв исыны тыххӕй

© Sputnik / Анна КабисоваДзӕуджыхъӕуы сӕвӕрдзысты арӕнӕвӕрдтӕ фӕндагон змӕлдыл "Патриот" киноныв исыны тыххӕй
Дзӕуджыхъӕуы сӕвӕрдзысты арӕнӕвӕрдтӕ фӕндагон змӕлдыл Патриот киноныв исыны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы 16 марты Проспект Мирайыл сӕвӕрдтой арӕнӕвӕрдтӕ автотранспорт ӕмӕ фистӕг бӕлццӕтты змӕлдыл, фехъусын кодта горӕты администрацийы пресс-службӕ.
"16 марты Дзӕуджыхъӕуы киноныв "Патриот"-ӕн съемкъӕтӕ кӕй цӕудзӕн, уый фӕдыл горӕты центры, Проспект Мирайыл Горькийы уынгӕй Дзанайты уынджы онг фадыгыл ӕвӕрд ӕрцӕудзысты арӕнӕвӕрдтӕ фистӕг бӕлццӕтты ӕмӕ автотранспорты змӕлдӕн. Афтӕ ма рӕстӕгмӕ ӕруромдзысты хӕдтулгӕты ӕрлӕууӕн – Тхапсаты Владимиры уынгыл Огнаевӕй Горькийы уынгмӕ цы фадыг ис, уым", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Мэрияйы ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, уыцы арӕнӕвӕрдтӕ бахъыгдардзысты трамвайон змӕлды куыст дӕр – Марков ӕмӕ Кировы уынгтыл, афтӕ ма Проспект мирайыл.
Аивадон киноныв "Патриот" снывонд кодтой ССРЦ-ы ПӔК "Альфа"-йы къорды куыстӕн ӕмӕ йӕ сӕргълӕууӕг – Советон Цӕдисы хъайтар Геннадий Зайцевӕн. Эпизоды съемкъӕтӕ ацӕудзысты Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты, уым ӕвдыст ӕрцӕудӕн Дзӕуджыхъӕ адӕмы амынӕты куыд систой, уый. 1988 азы 1 декабры террористты къорд ӕрцахста сывӕллӕтты горӕт Орджонекидзейы (ныр - Дзӕуджыхъӕу). Уыдон ӕркуырдтой 3 милуан сомы, хӕдтӕхӕг ӕмӕ фӕсарӕнтӕм атӕхыны бар. Уӕд цыппӕрӕм къласонтӕм ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты "Альфа"-йы къорд. Операци "Гром"-ы рӕстӕджы бантыст ма ‘руадзын зиӕнттӕ амынӕты уӕвӕг адӕмы ‘хсӕн. Фыдгӕджытӕн радтой бар Израиль-мӕ атӕхынӕн, уым сӕ ӕрцахстой ӕмӕ ССРЦ-мӕ экстрадицигонд ӕрцыдысты.
Иуыл сӕйрагдӕр фӕлгонц нывӕфтыд кинонывы хъазы зындгонд ирон актер Фидарты Сослан. Уый ӕххӕст кӕны зындгонд милицийы инӕлар Бӕтӕхъаты Таймуразы фӕлгонц, уый теракты рӕстӕджы уыд Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хистӕры хӕдивӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0