Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Централон парчы бавнæлдтой ауæзтытæ сыгъдæг кæнынмæ

© Sputnik / Евгений ИвановХетæгкаты Къостайы номыл Централон парк
Хетæгкаты Къостайы номыл Централон парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik. Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Централон парчы бавнæлдтой ауæзтытæ сыгъдæг кæнынмæ, хъусын кæны столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Бирæ азты дæргъы фыццæгæм æмæ дыккæгæм ауæзтытæ нæ куыстой. Уыдон цалцæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы барамындæй.

"Ацы дыууæ ауæзты арф не сты. Уыдонæн ис эстетикон нысаниуæг. Æртыккæгæм æмæ цыппæрæм ауæзт ссыгъдæг кæнын у зындæр куыст. Ныр цæуынц механизацигонд куыстытæ. Дыккаг этапыл бавналдзысты брандспойттæй сыгъдæг кæнынмæ", - радзырдта парчы хистæр Габуты Вячеслав.

Администрацийы пресс-службæйы бафтыдтой, зæгъгæ, объекттыл архайынц дыууæ тракторы æмæ дæс КамАЗæй фылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0