Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

54. ДЗАНДЖЫ ТАУРÆГЪ

54. ДЗАНДЖЫ ТАУРÆГЪ
Рафыссын
Дзанг ног цырагъ ссыгъта æмæ рай­дыдта йæ таурæгъ.
— Иугæр мæ чызг Зæринæ сæрæн лæппуйы къухы бафтыд, амонд­джын уыдзæни æмæ йæ нырæй фæстæмæ мæ сæр нал бахъæудзæн, куы бамбæрстон, уæд мын фадат æрцыд мæ мæт райсынæн. Мæ мæт та стыр уыди, æгæр, мæсты кæмæ уыдтæн, уыдон та — бирæ. Æмæ уал ныффæнд кодтон, мæ мæт æлдар Дзанхотæй райсын.
Хъелы æфцæгыл Дзимырмæ æрхызтæн æмæ мæ ных Чысангоммæ скодтон. Хур арвы астæуæй фæуырдыг, афтæ рахæццæ дæн комы нарæгмæ. Уым, тæккæ фæзилæны, фæндаджы хъæбæрыл дæлгоммæ хаудæй, уадзыгæй лæууыди иу тæригъæддаг лæг. Йæ бырæгътæ хæдоны скъуыдтæй зындысты йæ фæсонты тугдæппал рæсыд тæлмытæ. Йæ рахиз цæсты бын дæр цъæх-цъæхид сфæлдæхта, ныррæсыд бынтондæр. Фындзы хуынчъыты туг фæцыд æмæ йæ урс зачъе туджимæ фæндаджы рыджы сæвдылд.
Цы базонын ма мын æй хъуыд, лæдæы чидæр æвирхъау над кæй фæкодта. Фæлæ чи уыд уыцы дурзæрдæ, æнæхуыцауы хай, цы мæт дардта ацы тæригъæддаг лæгæй æмæ йæ мæлæты ’фсон тугомынты цæмæн фæкодта? Донмæ æруадтæн, залмы сыфы дзы сдавтон, æрæхсадтон лæ­джы цæсгом. Тых æмæ фыдæй æрчъицыдта.
— Ацы æнамонд, чи уыдис дæ бафхæрæг, кæмæй цы дардтай, ахæм æвирхъау митæ дын цæмæн бачынди? — фæрсын æй.
Уый мæм йæ иу цæстæй æнæбары скаст, тугæйдзаг æрхæм ату кодта æмæ йæ уæззау хъæрзын райхъуыст.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0