Адæмон аргъæуттæ. Амæйфыддæры аргъау. Мæгуыр лæг æмæ йæ ус. Базырганы аргъау

Адæмон аргъæуттæ. Амæйфыддæры аргъау. Мæгуыр лæг æмæ йæ ус. Базырганы аргъау
Рафыссын
Раст Куырдтаты уæлæсыхы цард æртæ æфсымæры. Сæ фыды бын байуæрстой, бахордтой æмæ ма се ‘хсæн иу тымбыл фынг уаринаг уыд. Фынгæн йе ‘ртæ къахæй æфсымæртæ фæйнæ къахы айстой, йæ тъæпæн та йын се ‘хсæн ныууагътой.
Иу бон хистæр æфсымæрæн йæ ус афтæ зæгъы:
- Дæ фынджы къах ма ахæсс дæлæ Хæдзараты сахармæ æмæ дзы балхæн хæринæгтæ – сыдæй куы мæлæм.
Дыккаг бон хистæр æфсымæр йæ фынджы къах уæймæ ахаста Хæдзараты сахармæ. Сахары кæрон ыл иу æлдар сæмбæлд æмæ йæ бафарста.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0