Адæмон аргъæуттæ. Фæныкгуызы аргъау. Мæгуыр лæджы фырт Дзибукка æмæ хæйрæг

Адæмон аргъæуттæ. Фæныкгуызы аргъау. Мæгуыр лæджы фырт Дзибукка æмæ хæйрæг.
Рафыссын
Раджыма-раджы иу хъæуы цард æртæ æфсымæры. Дыууæ хистæры æрхастой устытæ. Кæстæр уыд Фæныкгуыз. Фæныкæй-иу кæрдзынтæ куы райстой, уæд-иу гуылыл йæхи ныццавта æмæ-иу æй ахордта. Сывæллæттæ та-иу кæугæ кодтой гуылыл.
Сфæлмæцыдысты дзы устытæ. Иу бон æй дуармæ раппæрстой æмæ йæ мидæмæ нал бауагътой. Уæд Фæныкгуыз бадзырдта йæ чындзытæм: "Уый зонын, мидæмæ мæ нал бауадздзыстут, фæлæ мын иу дзæкъул фæныкæй байдзаг кæнут, иу ног ахст цыхт, йæ сылы куыд миза, æмæ мын иу туас радæттут тагъд". Устытæ йын йæ дзырд сæххæст кодтой.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0