Дырыс куырдиæттæ: Уазæгты Юрий Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы президентты фембæлды тыххæй

© Sputnik / Россия 24Владимир Путин æмæ Гаглойты Аланы фембæлд
Владимир Путин æмæ Гаглойты Аланы фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik Козаты Диана. Дыууæ бæстæйы лидертæ дырыс куырдиæттæ сарæзтой Хуссар Ирыстоны цæрджыты цы цымыдис кодта, уыдæтты фæдыл, уымæ гæсгæ Владимир Путин æмæ Гаглойты Аланы фембæлд ацыд æнтыстджынæй, фехъусын кодта Sputnik президенты администрацийы информацион-аналитикон дæлхайады сæргълæууæг Уазæгты Юрий.
Дыууæ бæстæйы сæргълæуджыты фембæлд ацыд знон изæры Мæскуыйы. Владимир Путин æмæ Гаглойты Алан æрдзырдтой æдасдзинад æмæ социалон-экономикон фадыджы райрæзты фарстытыл. Уæрæсейаг лидер банысан кодта дыууæ бæстæйы ахастыты сæрмагонд статус.
"Баныхасы рæстæджы банысан кодтой позицитæ, кæцытæ цымыдис кодтой не ‘хсæнад æмæ республикæйы цæрджыты. Уыдон, сæйраджыдæр, сты æдасдзинад æмæ социалон-экономикон райрæзты фарстытæ. Республикæйы алыварс уавæр æмæ геополитикон фарстытæ хынцгæйæ æхсæнады уыдысты мидтыхстытæ. Æмæ ацы баныхас хъуамæ ауиварс кодтаид уыдоны", - загъта Уазæгты Юрий.
Первая встреча Владимира Путина и Алана Гаглоева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2023
Уæрæсе æмæ Хуссар Иры президентты фыццаг фембæлд
Уый бахахх кодта, уæрæсейаг лидер дырысæй кæй банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæн ис сæрмагонд статус, æмæ Уæрæсе нырма дæр у Хуссар Ирыстоны æдасдзинады гарант.
"Акцент арæзт æрцыд социалон-экономикон фадыгыл, кæй хъæуы райтынг кæнын Хуссар Ирыстоны экономикæ, уадзын газификаци æмæ афтæ дарддæр. Куыд дзырдтон, афтæ дыууæ бæстæйы лидертæ дырысæй загътой, цæрджыты цы цымыдис кодта, уый. Уымæгæсгæ баныхас ацыд æнтыстджынæй", - загъта эксперт.
Уазæгты Юрий ма банысан кодта, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады хаххыо бæстæты æхсæн æмгуыстад рæзы 2015 азы бафысгæ Бадзырдмæ гæсгæ хæларад æмæ интеграцийы фæдыл. Уый бафтыдта, зæгъгæ, документы фыст у, Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси кæй нымайдзысты куыд агресси Уæрæсейы ныхмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0