Хуссар Иры президент раарфæ кодта цардуагон фадыг æмæ ЦКХ кусджытæн

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта цардуагон фадыг æмæ ЦКХ кусджытæн
Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта цардуагон фадыг æмæ ЦКХ кусджытæн  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik. Цæрджыты цардуагæн лæггад кæныны фадыг æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады (ЦКХ) кусджытæ ифтонг кæнынц паддзахадон уагдæттæ æмæ социалон ахсджиаг объектты æнæрлæугæ куыстæй. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæйы ныхасы фадыджы кусджытæн.

"Уæ профессионализм æмæ бæрнон ахастимæ хъуыддагмæ баст у не 'мбæстæгты царды гъæд. Оперативонæй алы къуыхцыгæнæнтæ иуварс кæнгæйæ, сымах хæссут хъарм æмæ æнцойуат нæ хæдзæрттæм, æххæст кæнут паддзахадон уагдæтты æмæ социалон ахсджиаг объектты æнæрлæугæ куыст", - банысангонд æрцыд арфæйы ныхасы.

Гаглойты Алан банысан кодта, фидарæй йæ кæй уырны, удуæлдайдзинад æмæ зынвадаты арæхсын кусын дарддæр дæр æххуыс уыдзысты ахсджиаг хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынæн.
Президент бузныджы ныхæстæ загъта фадыджы кусджытæн æвзæрст фæндагæн æнувыддзинады тыххæй Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0