Хуссар Иры УУМ сæргълæууæг кусæгон балцы бабæрæг кодта Цæгат Иры уæлвæткон уагдон

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры УУМ сæргълæууæг кусæгон балцы бабæрæг кодта Цæгат Иры уæлвæткон уагдон
Хуссар Иры УУМ сæргълæууæг  кусæгон балцы бабæрæг кодта Цæгат Иры уæлвæткон уагдон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik. Хуссар Иры Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) делегаци уагдоны сæргълæууæг Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй æнæнывæстон кусæгон балцы бабæрæг кодта Уæрæсейы УУМ сæйраг дæлхайад Цæгат Ирыстоны фæдыл.
Министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй хуссарирыстойнаг делегацийæн "методикон æххуыс бакодтой, сæ нымæцы, граждайнаг хъахъхъæнынад, зынгсирвæзт иуварс кæныны организаци æмæ уæлвæткон цауты зонæйы бастдзинады организацийы фарстытыл".
Афтæ ма балцы рæстæджы æрдзырдтой кадрон ифтонгады проблемæтыл. Хуссар Ирыстоны делегацийæн бавдыстой зынгсирвæзтон-ирвæзынгæнæн техникæйы хуызæгтæ, афтæ ма цæгатирыстойнаг зынгфæдисонты архайд æппæтуæрæсейаг ахуырты рæстæджы.
"Абон мах федтам егъау ахуырты хайадисджыты иумæйаг архайд. Хуссар Ирыстоны æнæмæнг хъæуы ахæм сæрмагонд зынгсирвæзтон-ирвæзынгæнæн хайад, кæцы бирæ азты дæргъы уæвы Цæгат Ирыстоны æмæ куы бахъæуы, уæд æххуыс кæны æппæт Цæгат Кавказы федералон зылды территорийыл", - банысан кодта Гассеты Ибрагим.
Министр бафтыдта, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты цæгатирыстойнаг уæлвæткон уагдоны ифтонггарз æмæ техникæ.
© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры УУМ сæргълæууæг кусæгон балцы бабæрæг кодта Цæгат Иры уæлвæткон уагдон
Визит делегации МЧС РЮО в ГУ МЧС по РСО-Алания  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2023
Хуссар Иры УУМ сæргълæууæг кусæгон балцы бабæрæг кодта Цæгат Иры уæлвæткон уагдон
Ног хабӕртты лентӕ
0