Адæмон аргъæуттæ. Æртæ хæзнайы аргъау. Рувас-Хадзы. Нарон æмæ Уæлладжырон къæрныхтæ

Адæмон аргъæуттæ. Æртæ хæзнайы аргъау. Рувас-Хадзы. Нарон æмæ Уæлладжырон къæрныхтæ
Рафыссын
Раджыма-раджы царди лæг æмæ ус, æмæ сын уыди иунæг лæппу. Æнæуи мæгуыр нæ уыдысты, фæлæ сæ лæппу кусын нæ уарзта, æрмæст йе ‘мбæлттимæ зылдис кæм цы бахæра æмæ кæм цы баназа, афтæ бонтæ æмæ азтæ цыдысты.
Мад æмæ фыд дæр зæронд кодтой æмæ тынг мæты бацыдысты, "мах куы нал уæм, уæд æй чи дардзæн", зæгъгæ. Уалынджы фыд мæлæтдзаг рынчын фæци, æмæ уæд йæ лæппумæ фæдзырдта æмæ йын загъта:
- Æз мæлын, фæлæ дæ мæт тынг кæнын, æмæ-иу афтæ бакæн: æз куы амæлон, уæд-иу дæ бынтæ иууылдæр бахæр, стæй-иу дæхи амар.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0