https://sputnik-ossetia.com/20230320/55-susg-mast-21826232.html
55. СУСÆГ МАСТ
55. СУСÆГ МАСТ
Нырмæ уалдзæджы æрцыдмæ æмæ алидзыны ныфсæй царди Æхсæртæг. Ныр Дзангыл æнæнхъæлæджы фембæлди æмæ йын рæстдзинад кæй нæ загъта, уыцы хабар, айнæг дуарау... 20.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-20T11:50+0300
2023-03-20T11:50+0300
2023-03-20T11:50+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/09/21826076_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_90627e45b38ae2a6146a9e854005c570.png
55. СУСÆГ МАСТ
55. СУСÆГ МАСТ
Нырмæ уалдзæджы æрцыдмæ æмæ алидзыны ныфсæй царди Æхсæртæг. Ныр Дзангыл æнæнхъæлæджы фембæлди æмæ йын рæстдзинад кæй нæ загъта, уыцы хабар, айнæг дуарау, ныффæлдæхт йæ зæрдæйыл æмæ лæппу бонæй-бонмæ тади. Дæс азы йæ Сыбырмæ кæй ахастой, уымæй йын зындæр уыди, зæронд лæгæй рæстдзинад кæй бамбæхста, уый. Нал æм уæндыди комкоммæ бакæсын. Тарсти, йе ’мбæхст хъуыдытæ йын йæ цæсгомыл куы бакæса, уымæй.Иу бон æй Дзанг бафарста:— Æхсæртæг, мæ хуры чысыл, ацы æлгъыстаджы Сыбыры нæ дыууæ стæм ирон дзыхæйдзурджытæ, уымæй дæр хæстæджытæ. Кæсын дæм, æмæ мæ цыдæр æмбæхсыс...Æхсæртæджы ныббогъ кæнынмæ бирæ нал бахъуыд. Зæронд лæг ын йæ сусæг хабар базыдта, хъуамæ йæ зонгуытыл Дзанджы раз æрхаудаид, хатыр дзы ракуырдтаид, фæлæ цыдæр йæ амондæн йæ дзыхæй сирвæзт:— Алидздзынæн...Зæронд лæг уæлгоммæ æрхуыссыд уатыл, йæ цæстытæ ныццавта цармæ, дзæвгар рæстæг йæ мидзæрдæйы тухæн кодта, стæй бур сыфтæры хуызæн тæнæг, хырыз былты æхсæнты ралæмæрста:— Арф ыл ныхъхъуыды кодтай?— Арф...— Æз дæр цалдæр хатты бафæлвæрдтон. Иу хатт дæр нæ фæхæццæ дæн... æрдæг фæндагæй-иу мæ раздæхтой...— Раздахæнт мæ, æрæвæрæнт мæ топпы дзыхмæ, лыстæг кæрдæнтæ мæ скæнæнт, басудзæнт мæ арты, — алидздзынæн...
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/09/21826076_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_e6d63ef71173ce0df9f15c5770e4f0ec.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Нырмæ уалдзæджы æрцыдмæ æмæ алидзыны ныфсæй царди Æхсæртæг. Ныр Дзангыл æнæнхъæлæджы фембæлди æмæ йын рæстдзинад кæй нæ загъта, уыцы хабар, айнæг дуарау, ныффæлдæхт йæ зæрдæйыл æмæ лæппу бонæй-бонмæ тади. Дæс азы йæ Сыбырмæ кæй ахастой, уымæй йын зындæр уыди, зæронд лæгæй рæстдзинад кæй бамбæхста, уый. Нал æм уæндыди комкоммæ бакæсын. Тарсти, йе ’мбæхст хъуыдытæ йын йæ цæсгомыл куы бакæса, уымæй.
Иу бон æй Дзанг бафарста:
— Æхсæртæг, мæ хуры чысыл, ацы æлгъыстаджы Сыбыры нæ дыууæ стæм ирон дзыхæйдзурджытæ, уымæй дæр хæстæджытæ. Кæсын дæм, æмæ мæ цыдæр æмбæхсыс...
Æхсæртæджы ныббогъ кæнынмæ бирæ нал бахъуыд. Зæронд лæг ын йæ сусæг хабар базыдта, хъуамæ йæ зонгуытыл Дзанджы раз æрхаудаид, хатыр дзы ракуырдтаид, фæлæ цыдæр йæ амондæн йæ дзыхæй сирвæзт:
Зæронд лæг уæлгоммæ æрхуыссыд уатыл, йæ цæстытæ ныццавта цармæ, дзæвгар рæстæг йæ мидзæрдæйы тухæн кодта, стæй бур сыфтæры хуызæн тæнæг, хырыз былты æхсæнты ралæмæрста:
— Арф ыл ныхъхъуыды кодтай?
— Æз дæр цалдæр хатты бафæлвæрдтон. Иу хатт дæр нæ фæхæццæ дæн... æрдæг фæндагæй-иу мæ раздæхтой...
— Раздахæнт мæ, æрæвæрæнт мæ топпы дзыхмæ, лыстæг кæрдæнтæ мæ скæнæнт, басудзæнт мæ арты, — алидздзынæн...