https://sputnik-ossetia.com/20230320/khussar-iry-arygon-sportsmenkata-rambyldtoy-tskfz-erysty-bronzyon-maydan-22040018.html
Хуссар Иры ӕрыгон спортсменкӕтӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерысты бронзæйон майдан
Хуссар Иры ӕрыгон спортсменкӕтӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерысты бронзæйон майдан
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон спортсменкӕты командӕ райста Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты бронзæйон майдан. Чызджытӕ ӕртыккаг бынат... 20.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-20T16:29+0300
2023-03-20T16:29+0300
2023-03-20T16:29+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/0a/11920262_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_b4bedc18d90f493ff5cc8181e8d104d0.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон спортсменкӕты командӕ райста Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты бронзæйон майдан. Чызджытӕ ӕртыккаг бынат байстой дагестайнӕгтӕй. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан. Ерыстӕ ӕрфысым кодта горӕт Нальчик. Чызджытӕ хъахъхъӕдтой Цӕгат Ирыстоны спортивон кад. Командӕйы сконды уыдысты Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъола ӕмӕ Спортивон скъолайы спортсментӕ Касрадзе Майя, Къуылыхты Зӕлинӕ, Тедеты Алина, Хъуылымбегты Виктория ӕмӕ Харчилава Мария. Чызджыты цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Уалыты Ирина, Остъаты Лидия ӕмӕ Джиоты Мирианы къухдариуæгады бын. Джиоты Мирианы ныхӕстӕм гӕсгӕ, теннисисттӕ мӕйы кӕрон ногӕй стох кӕндзысты Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты, уӕд та тохы бацӕудзысты 12 азы кары спортсментӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/0a/11920262_215:0:2946:2048_1920x0_80_0_0_a0c58afb926eb504bbb9c8273a39c654.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры ӕрыгон спортсменкӕтӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерысты бронзæйон майдан
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон спортсменкӕты командӕ райста Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты бронзæйон майдан. Чызджытӕ ӕртыккаг бынат байстой дагестайнӕгтӕй. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан.
Ерыстӕ ӕрфысым кодта горӕт Нальчик. Чызджытӕ хъахъхъӕдтой Цӕгат Ирыстоны спортивон кад.
"Бронзӕйон майдан у нӕ кӕстӕр теннисисткӕты фыццаг ӕнтыст Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕмвӕзадыл. Чызджытӕ стох кодтой иттӕг хорз. Уыдон сты 11-13 азы кары, ерысты архайджытӕ та фылдӕр бӕрц уыдысты 16 азы онг", - загъта тренер.
Командӕйы сконды уыдысты Уӕлдӕр спортивон дӕсныйады скъола ӕмӕ Спортивон скъолайы спортсментӕ Касрадзе Майя, Къуылыхты Зӕлинӕ, Тедеты Алина, Хъуылымбегты Виктория ӕмӕ Харчилава Мария.
Чызджыты цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Уалыты Ирина, Остъаты Лидия ӕмӕ Джиоты Мирианы къухдариуæгады бын.
Джиоты Мирианы ныхӕстӕм гӕсгӕ, теннисисттӕ мӕйы кӕрон ногӕй стох кӕндзысты Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты, уӕд та тохы бацӕудзысты 12 азы кары спортсментӕ.