Хуссар Иры хæххон къахдзоныгъон курорт "Цъон" балхынцъ кодта йæ куыст ацы сезоны

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры хæххон къахдзоныгъон курорт "Цъон"
Хуссар Иры хæххон къахдзоныгъон курорт Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хæххон къахдзоныгъон курорт "Цъон" йæ куыст балхынцъ кодта ацы сезоны. Уый тыххæй фыссынц сæ социалон хызæгты волонтертæ æмæ куратортæ, кæцытæ ифтонг кæнынц курорт куыст.
"Температурæ кæй фæфылдæр, уый фæдыл хæххон курорт "Цъон" æрурæдта йæ куыст фидæн сезоны онг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Проекты куратортæ бахахх кодтой, канатон фæндаджы цухдзинадмæ æнæкæсгæйæ, ацы аз курорты уыд уазджыты рекордон нымæц.
"Ацы аз хæххон курорты къахдзоныгътæ æмæ сноубордыл бырын сахуыр кодтой дыууæ сæдæйæ фылдæр скъоладзауы, аннæтæ та фылдæр кодтой сæ куырдиаты æмвæзад. Æдæппæт сезоны дæргъы курорт куыста 18 боны. Уазджыты иумæйаг нымæц рацыд æртæ минæй фылдæр адæймаджы. Мах та нæ тыхтæ ратдзыстæм, цæмæй дарддæр хуыздæр кæнæм трассæ æмæ объекты инфраструктурæ", - фыссынц волонтертæ.
Цъоны хъæу æвæрд у 1700 метры денджызы æмвæзадæй бæрзонддæр. Фæндаг æм цæуы хæрзвадат трассæ Цхинвал-Гуфта-Къуаисайыл. Къахдзоныгъон трассæ кусы æртыккаг аз, цæуынц æм бирæнымæц туристтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0