Транскам кусы хуымæтæг режимы – Хуссар Иры УУМ

© Flickr.comТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Транскавказаг автомагистраль кусы хуымæтæг режимы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
"Фæндаджы хуссарварс фадыгыл мит нæ уары, Транскам кусы хуымæтæг режимы", - банысан кодта радгæсон.
УУМ банысан кодтой, республикæйы районты ивгъуыд суткæйы дæргъы æвзæр боныгъæды тыххæй уæлвæткон цаутæ кæй не ‘рцыд.
Уыимæ иумæ, Транскамы цæгатирыстойнаг фадыгыл февзæрдæр уыдзæн боныгъæд. Цæгат Ирыстоны УУМ хъусын кæны зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинады тыххæй хæххон районты.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0