Цхинвалы æрцыд зынгсирвæзт бирæфатерон хæдзары

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт бирæфатерон хæдзары, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.
"Хуыцаубоны, 20.37 сахатыл, УУМ радгæсон хайадмæ æрбацыд хъусинаг гауызы ссыгъды фæдыл бирæфатерон хæдзары Фидауынгæнджыты уынгыл, 12", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, цауы бынатмæ кæй ацыдысты дыууæ зынгфæдисон къорды, кæцытæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт.
Ног хабӕртты лентӕ
0