Хуссар Иры президент раарфæ кодта Уæрæсейы ФХМ сæргълæууæгæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Пресс-служба МИД РФ /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан телефонæй баныхасы рæстæджы раарфæ кодта Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн йæ райгуырæн боны цытæн, хъусын кæны дыццæджы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Президент саргъ кодта дыууæварсон ахастытæн бæстæты ‘хсæн æмæ баныфсæвæрдта, хæларад æмæ æмгуыстад дарддæр кæй фидар кæндзысты. Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны сæргълæууæгæн фидар æнæниздзинад, хæрзæбон æмæ æнтыстытæ йæ бæрнон куысты", - радзырдтой пресс-службæйы.
Уагдоны банысан кодтой, Сергей Лавров кæй загъта бузныджы ныхæстæ Гаглойты Аланæн æмæ банысан кодта, "Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон алыхатт дæр кæй уыдзысты иумæ".
Сергей Лавров райгуырд 1950 азы 21 марты Мæскуыйы. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргъ лæууы 2004 азæй фæстæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0