Хуссар Иры райдыдтой мадзæлттæ, кæцытæ нывонд сты Галаты Борисыл 134 азы сæххæсты цытæн

© Фонд ГалатиГалаты Борис
Галаты Борис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концертæй Хуссар Ирыстоны столицæйы райдыдта культурон мадзæлтты къуыри, кæцы нывонд у номдзыд музыкант, фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер Галаты Борисы 134-æм афæдзыбонæн.
Республикæйы культурæйы министрады пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй "Симд" ралæууыд къуырисæры Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сценæйыл. Культурон программæ адарддæр уыдзæн лекцитæ æмæ семинартæй Галаты Борисы сфæлдыстады темæйыл, кæцытæ цæудзысты æнæхъæн къуыри Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты.
Афтæ ма æртыццæджы Анахарсисы номыл Республикон националон библиотекæйы ацæудзæн музыкалон-поэтикон изæр, цы ран хайад райсдзысты сфæлдыстадон коллективтæ, сæ нымæцы ансамбль "Симд" æмæ РХИ президенты дæлбар Нæлгоймагты хор. Кæсджытæн бавдисдзысты Галаты Борисы уацмыстæ, афтæ ма ирон адæмон зарджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0