Китайы адæмон республикæйы сæрдар сфидар кодта курс Уæрæсеимæ стратегион æмгуыстадыл

© Sputnik / Sergey Karpuhin / POOL /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин æмæ Си Цзиньпины фембæлд
Владимир Путин æмæ Си Цзиньпины фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Китайы адæмон республикæйы сæрдар схуыдта Уæрæсеимæ ахастыты райрæзт Китайы стратегион равзæрстыл, уый сфидар кодта курс Пекин æмæ Мæскуыйы 'хсæн стратегион æмгуыстад сфидар кæныныл. Уый тыххæй Китайы лидер фехъусын кодта Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны РИА Новости Китайы ФХМ-йыл æнцогæнгæйæ.
Си Цзиньпин УФ президенты æрхуындæй 20-22 марты ис Мæскуыйы паддзахадон балцы. Дыууæ бæстæйы лидерты фембæлд ацыд къуырисæры изæры Кремлы æмæ адарддæр ис цыппар сахаты бæрц, дыццæджы фарсытæ ауадздзысты баныхас.
"Дыууæ бæстæйы, кæцытæ сты егъау сыхæгтæ æмæ партнертæ стратегион æмгуыстады фæдыл, кæрæдзи нымайынц куыд приоритет сæ дипломати æмæ æддагон политикæйы. Китай алыхатт дæр уадзы хæдбар æддагон политикæ. Уæрæсеимæ ахастыты райрæзт у Китайы стратегион равзæрст, кæцы æххæст æрцыд хисæрмагонд интерестæ æмæ дунейон райрæзты тенденци хынцгæйæ", - фехъусын кодта Си Цзиньпин.
Уый ма бахахх кодта, Китай æмæ Уæрæсейы ‘хсæн стратегион æмгуыстад сфидар кæнын иумæйаг курс баззад æнæивгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0