"Не ᾿взаг бахъахъхъæнынæн ахъаз уыдзæн": Цæгат Иры нывæсты ис бакæнын ирон æвзаджы Центр

© Sputnik / Ада Багиан"Не ᾿взаг бахъахъхъæнынæн ахъаз уыдзæн": Цæгат Иры нывæсты ис бакæнын ирон æвзаджы Центр
Не ᾿взаг бахъахъхъæнынæн ахъаз уыдзæн: Цæгат Иры нывæсты ис бакæнын ирон æвзаджы Центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта республикæйы ахуырады Министрадæн бакусын ирон æвзаджы Центр бакæныныл.
Уый бахахх кодта æххæсгæнæн ресурстæ центры скусын кæнынæн нæ хъæуынц – куыстмæ æрбахондзысты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ дæр.
Ацы хъæппæрисы тыххæй сæ хъуыды загътой ахуырады минитсрады сæргълæууæг Алибекты Элла йæ Telegram-каналы.

"Центры фæзынд æрбаиу кæндзæн æнæхъæн республикæ, ахъаз фæуыдзæн нæ адæмы æнæматериалон уникалон бындуртæ бахъахъхъæнын", - бахахх кодта уый.

Алибекты Элла банысан кодта, сæ нывæсты нæй ирон æвзаджы сахаттæ фæкъаддæр кæнын ахуырадон пъланы, фæлæ уроктæй æдде æмæ æххæстгæнæн ахуырады арæнæвæрдты уæрæх кæндзысты мадæлон æвзаджы райрæзт æмæ ахуыр кæнынæн уавæртæ.
Афтæ ма Меняйло æрсидти ахуырады министрадмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ профориентацийыл куыст фæтынгдæр кæнын – райдайдзысты проект "Университетские субботы"-ыл куыст, уыцы рпоектв арæнæвæрды уадздзысты мадзæлттæ æмæ мастер-класстæ скъоладзаутæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0