Цхинвалы централон уынгтæй иуыл ныссагътой кæрзы талатæ

© Photo : Управление благоустройства ЦхинвалаЦхинвалы централон уынгтæй иуыл ныссагътой кæрзы талатæ
Цхинвалы централон уынгтæй иуыл ныссагътой кæрзы талатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты хæрзарæзтады фæткдаруат республикæйы Хъæды хæдзарадимæ иумæ ныссагътой кæрзы талаты цалдæр дæсой Цхинвалы Хъайтарты уынгыл.
Куыд радзырдта Sputnik горæт Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады фæткдаруаты сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Филипп, талатæ сты бынæттон – систой сæ столицæйы сæрмæ Тулдзы къохы.

"Тулдзы къохы ис бирæ кæрзы талатæ, сæ иуæй-иутæ рæзынц горæтмæ æввахс. Мах скъахтам 35 талайы горæты ныссадзынæн. Фæхъæздыгдæр уыдзæн столицæйы цъæх фонд, афтæ ма баззайгæ бæлæсты тылатæн рæзыны бынат фæзындзæн", - банысан кодта ныхасæмбал.

Джиоты Филиппы ныхæстæм гæсгæ, кæрз дарддæр дæр садздзысты горæты. Афтæ ма уый банысан кодта администрацийы хæрзарæзтады фæткдаруаты кусджытæ талатæ садзынимæ иумæ цæрджытæн тæссаг чи сты, уыцы аварион бæлæстæ дæр цæгъдынц. Куыстытæ арæзт цæуынц сæрмагонд комиссийæ, йе сконды, администрацийы хæрзарæзтады фæткдаруаты кусджыты йеддæмæ ис республикæйы Хъæды хæдзарады кусджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0