Уæрæсейаг артиллеристтæ фехстой УГТ позицитæ Херсоны районы

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг артиллеристтæ фехстой УГТ позицитæ Херсоны районы
Уæрæсейаг артиллеристтæ фехстой УГТ позицитæ Херсоны районы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Уæрæсейаг тыхтæ дысон æхсæв скуынæг кодтой Херсоны районы украинæйаг гаубица "Акация" экипаж æмæ хæстæрмæджытимæ, хъусын кæны РИА Новости.
"Æхсæвы цæрæн пункт Камышаныйы районы скуынæг кодтам гаубица 2С3 "Акация" хæстæрмæджытимæ, Украинæйы Гарзджын тыхтæ фесæфтой фондз æфсæддоны", - загъта агентады ныхасæмбал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, артиллери Белозеркийы районы скуынæг кодта 120 миллиметрон миномет хæстæрмæджытимæ æмæ æфсæддонтимæ, ныхмæлæууæг фесæфта фондз æфсæддоны, дыууæйæ та фæцæф сты.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты. УФ презимдент Владимир Путин куыд бахахх кодта йæ нысан у "аст азы дæргъы кæй æфхæрдтой, геноцидæй удхарæй кæй мардтой, уыцы адæмы бахъахъхъæнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0