Адæмон аргъæуттæ. Арс æмæ куыдзы аргъау. Лæг, бирæгъ æмæ рувас. Хур æмæ хæфс

Адæмон аргъæуттæ. Арс æмæ куыдзы аргъау. Лæг, бирæгъ æмæ рувас. Хур æмæ хæфс
Рафыссын
Раджы кæддæр хурæн лæ лæппу амарди, æмæ йæ тынтæ бамбæхста æмæ зæххмæ хуры цъыртт нал уагъта. Иу бон хæфс йæхи рабæлццон кодта æмæ хурмæ сфардæги…Балæууыди йæм æмæ йын зæрдæтæ æвæры:
- О, хур, афтæ æнхъæлыс, æмæ дæуыл чи æрцыд, уый никæуыл æрцыд, - нæ зоныс, - адæм иууылдæр гуыргæ æмæ мæлгæ сты. Ды уæд дæ фырты фæстæ дæ зæрдæмæ куыд ныккастæ, зæххмæ иу хуры цъыртт куы нæ уадзыс. Уагæр дын мæ лæппуйы хуызæн куы уыдаид, хъоппæгдзæст, йæ цыппар къабазæй дæр денджызы ленк чи кæны, уæд, æвæццæгæн, æмæ йæ фæстæ дæхи æгас нал ныууагътаис.
Уæд хур фæхудтис, æмæ йын загъта:
- Кæд мæ лæппу уый хуызæн дæр нæ уыди, уæд æцæг дзæгъæлы куы мардтон мæхи хъизæмарæй абоны онг – æмæ та уæдæй фæстæмæ кæсын байдыдта.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0