Дзæуджыхъæуы централон парчы фæзындзысты дыууæ ног ауæзты

© Sputnik / Евгений ИвановДзæуджыхъæуы централон парк
Дзæуджыхъæуы централон парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуы культурæ æмæ улæфæн централон парчы уагъд цæуынц куыстытæ цыппар ауæзты ссыгъдæг кæнын фæдыл, хъусын кæны 15-æм Регион.
Нысангонд æрцыд, уыдонæй дыууæ зындгонд кæй сты цæгатирыстойнаг столицæйы цæрджытæн, иннæ дыууæ чысыл ауæзты та байдзаг кæндзысты донæй фыццаг хатт 45 азы дæргъы.
Парчы хистæр Габуты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, уый кусы парчы 40 азæй фылдæр æмæ уыцы рæстæгмæ ацы дыууæ ауæзты никуы куыстой. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы администраци цалцæг кæны ацы ауæзтытæ.
Ауæзтытæ ссыгъдæг кæнынл архайынц техникæйы 10 иуæджы, чысыл ауæзтытæ ныридæгæн ссыгъдæг кодтой – сæ бассейнтæ цæттæ сты донæй байдзаг кæнынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0