СÆО-йы хайадисæг ирон хæстонтæ райстой 20-æй фылдæр хæдтулгæйы æмæ дронтæ

© Sputnik / Иван Родионов /  Ахизын медиабанкмæДрон
Дрон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Ирон хæстонтæ, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) Украинæйы, райстой Цæгат Ирыстонæй транспорт æмæ техникон фæрæзтæ.

"Æрбарвыстой нæм 15 пикапы, æхсæз "Камаз"-ы æмæ бирæнымæц техникон фæрæзтæ – квадрокоптертæ, тепловизортæ æмæ афтæ дарддæр. Уаргъ баласдзыстæм запорожаг фронтмæ дæр, Херсоны рдæм дæр æмæ Донецкмæ дæр. Дыууæ-æртæ боны дæргъы уаргъ фæхæццæ кæндзыстæм дæлхайадтæм", - хъусын кæны РИА Новости батальон "Алания"-йы минæвары ныхæстæ.

Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты. УФ презимдент Владимир Путин куыд бахахх кодта йæ нысан у "аст азы дæргъы кæй æфхæрдтой, геноцидæй удхарæй кæй мардтой, уыцы адæмы бахъахъхъæнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0