Цхинвайлаг грэпплертæ бацахстой призон бынæттæ ерысты Цæцæны

Грэпплинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны грэпплертæ æрхастой æвзист æмæ бронæйон майдантæ Кавказы чемпионатæй джиу-джитсуйæ, кæцы ацыд Грозныйы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта тренер æмæ ерысты хайадисæг Гобозты Эльбрус.
Æвзист майдан рамбылдта Гобозты Эльбрус, бронзæйон майдан та Мæргъиты Сослан.
"Грэпплинг, кæцыйæ архайынц нæ лæппутæ, æмæ джиу-джитсу сты æмхуызон æмтохæдтæ, кæцыты хицæн кæнынц цалдæр фæткы. Ерысты нæ уагътой аразын цалдæр приемы, махæн та уый тыххæй нæ фехъусын кодтой, уый фæдыл нæ фæсивæдæй æртæйы сдисквалификаци кодтой, сæ нымæцы бронзæйон призер Мæргъиты Сосланы", - загъта Гобозты Эльбрус.
Уыимæ иумæ тренер банысан кодта, хуссарирыстойнаг спортсментæ иу хатт дæр кæй нæ фæхæрд сты, уыдон сдисквалификаци кодтой æмæ сын фадат нал уыд стох кæнын майдантыл.
"Фæсивæд сæхи хорз равдыстой. Уыдон райстой фæлтæрддзинад, уымæн æмæ ерысты хайад истой спортсментæ æппæт Цæгат Кавказæй, кæцыйы ис тыхджын скъолатæ ацы спортæй", - фехъусын кодта тренер.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, спортсментæ ныр райдайдзысты цæттæ кæнын Уæрæсейы чемпионатмæ, кæцы ацæудзæн апрелы, уый фæстæ та дунейы чемпионатмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0