УФ ФХМ: Британи Украинæйæн уранимæ сармадзантæ куы радта, уæд уый уыдзæн геноциды æвдисæн

© Sputnik / Наталья СеливерстоваУФ ФХМ
УФ ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) официалон минæвар Мария Захарова банымадта уранимæ сармадзантæй пайдакæнынад геноциды æвдисæныл, фехъусын кодта æртыццæджы РИА Новости.
Уый размæ Великобритани фехъусын кодта, кæй нывæнды раттын Украинæйæн Challenger танктимæ уранимæ сармадзантæ.
"Уранимæ сармадзантæй пайда кæнын у геноцид цæрджыты ныхмæ, кæцытæ ныхмæ сæ пайда кæндзысты, афтæ ма цæрджыты ныхмæ, кæцытæ сæ пайда кæнынц. Чидæриддæр уа уыцы территорийыл æмæ æввахс районты, уыдон райсдзысты радиацийы дозæ, æмæ уый иухаттон проблемæ нæу. Уыимæ уыдон цæрдзысты алыхатт дæр", - загъта Захарова радиостанц Sputnik-ы эфиры.
Уый æрхаста цæвиттонæн Сербийы уавæр 2016 азы, цы ран Югославийыл уранимæ бомбæтæ калыны фæстиуæгæн амардысты 22 000 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0