Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

56. НАТАШÆЙЫ ХЪЫСМÆТ

56. НАТАШÆЙЫ ХЪЫСМÆТ
Рафыссын
Дыккаг бон йæ фæткдары сæрвыста мæ фыдмæ, зæгъгæ йæ лæг­гадгæнæг хъæуы æмæ мæн агуры. Мæгуыр царди мæ фыд, фæлæ сæрыстыр уыди уый дæр, не сразы. Фæткдар æнæдзуаппæй аздæхти фæстæмæ.
Цалдæр боны рацыд æмæ помещик йæхæдæг йæ бæхуæрдонæй иу изæр куы æрхизид нæ кæрты. Йæ сæрæй ныллæг акуывта мæ мад æмæ мæ фыдæн. Афтæ хæларзæрдæ, аудæгæй равдыста йæхи... тынг батыхст, нæ хæдзары сæр ивинаг кæй уыди. Ныфс бавæрдта, æмбæрзæн дур кæй ссардзæн мæ фыдæн. Иу дзырдæй, йе ’взаг ауагъта мæ фыдыл, дзырдта, йæ хæринаггæнæг кæй ацыди чындзы æмæ зæрдиагæй кæй куры, цæмæй сразы уа мæ фыд æмæ мæн ауадза лæггадгæнæгæй уымæн, цалынмæ Бетъырбухмæ нæ аздæхой йæ бинонтæ фæстæмæ. Ныфс бавæрдта, цы мæм æмбæлы мызд, — иу ахæм æй фæфылдæр кæндзæн ноджы.
Иуæй тыхст, цыбыр къух уыд мæ фыд, иннæмæй йæм æлдар ныххатыди æгæр, æмæ басаста йæ ныхас. Помещикмæ кусын райдыдтон. Хæринаггæнæгæй нæ, уый сæр æй нал хъуыд.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0