Батальон "Шторм Осетия"-йы бархион: УГТ дыууæ æрбабырстæн ныхмæ фæлæууыдыстæм

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæБатальон "Шторм Осетия"-йы бархион: запорожаг фронты УГТ дыууæ æрбабырсты ныхмæ фæлæууыдыстæм
Батальон Шторм Осетия-йы бархион: запорожаг фронты УГТ дыууæ æрбабырсты ныхмæ фæлæууыдыстæм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik. Запорожаг здæхты фæстаг фондз боны дæргъы украинæйы æфсæдтæ дыууæ хатты бафæлвæрдтой бабырсын, фæлæ уæрæсейаг тыхтæ сæ ныхмæ фæлæууыдысты, дарддæр чи бырста, уыдоны та скуынæг кодтой. Уый тыххæй РИА Новости фехъусын кодта цыппæрæмы, бархионты батальон "Шторм Осетия"-йы минæвар.
Бархионы ныхæстæм гæсгæ, уалдзæджы цъыфвæндæгты рæстæг куы фæци, уæд запорожаг здæхты украинаг æфсæдтæ бафæлвæрдтой бабырсын Ореховаг æмæ Пологоваг районтæм, дыууæ бабырсты ныхмæ дæр ныхмæ фæлæууыдысты. Фыццаг – тактикон къорды тыхтæй пехотæйы æххуысæй, дыккаг – бронетехникæйы къордæй.

"Мах хъусæм алы сахат, алы минут цæуы артиллерийы куыст æгас фронтыл. Авиаци кусы сахаттæм гæсгæ: æхсæвæй-бонæй раздзог лæппутæ дзурынц, зæгъгæ, нысæнттæ куыддæр сбæрæг вæййынц, афтæмæй сыл цалдæр минуты фæстæ алкæцыйыл дæр "сæмбæлы". Æфсæддонтæ кусынц, æмæ йæ мах абон федтам уæлдæфы", - бафтыдта батальон "Шторм Осетия"-йы бархион.

Ивгъуыд къуырийы Запорожаг облæсты украинаг тыхтæ бафæлвæрдтой бабырсын, фæлæ сæ аппæрстой фæстæмæ дæсгæйттæ цæфтæ æмæ фæмаруæвæг æфсæддонтимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0