ФÆС æрурæдтой Цæгат Ирмæ тамакоты егъау партийы контрабандæйон æрбаласт

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæ ÆФС æрурæтой Цæгат Ирыстонмæ стыр парти сигаретты контрабандæйон баласт

ÆФС æрурæтой Цæгат Ирыстонмæ стыр парти сигаретты контрабандæйон баласт
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Цæгат Ирыстоны фæдыл Арæнгæрон хайады кусджытæ æрурæдтой æнæзакъонон контрабандæйон тамакоты æрбаласт 17,5 милуан сомы аргъ.
Банысангонд æрцыд, контрабандæйон продукци кæй ссардæуыд дыргътимæ фурæйы.

"Урæд æрцыд æнæзакъононæй УФ территоримæ фæсарæнты арæзт тамакойы продукцийы æрбаласт. Контрабандæйон уаргъ æмбæхст уыд дыргътимæ къоппыты, кæцыты ластой уæзласæн хæдтулгæйы æрдæгприцепыл, æмæ нысангод уыд Уæрæсейы территорийыл реализаци кæнынæн", - дзырдæуы Уæрæсейы ФÆС релизы.

Уагдоны фехъусын кодтой, кæй ссардæуыд æмæ байстæуыд алыхуызон тамакойы маркæты 151 мин къоппы "сæ аргъ 17, 5 милуан соммæ æввахс".
Ног хабӕртты лентӕ
0