Уæрæсейы 2022 азы сарæзтой 270 рынчындоны æмæ поликлиникæйы – Мишустин

© Sputnik / Евгений Самарин /  Ахизын медиабанкмæПоликлиникæ
Поликлиникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Уæрæсейы 2022 азы сарæзтой 270-æй фылдæр рынчындоны æмæ поликлиникæйы, афтæ ма 700-йæ фылдæр фельдшерон-акушерон пункты æмæ амбулаторийы, фехъусын кодта Уæрæсейы премьер-министр Михаил Мишустин хицауады куысты хыгъдлæвæрды рæстæджы Паддзахадон Думæйы.
Афтæ ма балхынцъ кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады 1300 объекты капиталон цалцæг.
"Фарон аз сарæзтæуыд 270-æй фылдæр рынчындоны æмæ поликлиникæйы, афтæ ма афтæ ма 700-йæ фылдæр фельдшерон-акушерон пункты æмæ амбулаторийы. Балхынцъ кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады 1300 объекты капиталон цалцæг. Медицинон уагдæттæн радтой ифтонггарзы 37 мин иуæджы æмæ 2 минæй фылдæр тагъд æххуысы хæдтулгæйы æмæ 4 мин хæдтулгæйы дохтыртæ æмæ пациентты ласынæн", - фехъусын кодта Мишустин.
Уый банымадта адæймаджы æнæниздзинад бавæрын æмæ сфидар кæнын ахсджиагдæр паддзахадон хæслæвæрдтæй сæ иу.
Ног хабӕртты лентӕ
0