YouTube систа блокировкæ ПТРК "Ир" каналæй, кæцы бакодтой СÆО-йы фæдыл æрмæджыты тыххæй

© AFP 2022 / Samantha SinYouTube
YouTube - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" сног кодта постинг YouTube-ыл дыууæ къуырийы блокировкæйы фæстæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта паддзахадон телеканалы сæйраг редактор Козаты Дзерассæ.
Уый банысан кодта, арæнæвæрдтæ кæй бакодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) фæдыл æрмæджыты тыххæй.
"Видеохостинг æрбарвыста хъусинаг фæдзæхстимæ компанийы политикæ фехалыны фæдыл, сæрмагонд æфсæддон операцийы æрмæджытæ мыхуыр кæныны тыххæй. Уый фæстиуæгæн ацы тематикæйыл нæ контент аиуварс кодтам", - загъта Козаты Дзерассæ.
Уый бафтыдта, зæгъгæ, дыццæджы канал скуыста, æмæ видеоæрмæджытæ ныммыхуыр кодтой видехостингыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0