Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

57. ДЗАНДЖЫ СУСÆГ БЫНАТ

57. ДЗАНДЖЫ СУСÆГ БЫНАТ
Рафыссын
Дзанджы хæдзар кæм уыд, уымæй чысыл дæлдæр айтынг сты, Æхсæртæджы Бæрзыты къохмæ цы стыр цæугæ доныл æрбаластой, уый былтæ. Зымæджы цæугæдон уыди салд, митæй æмбæрзт. Ныр ранæй-рæтты ныттыдта æмæ уылæнтæ доны былтыл сæхи куы скъуырынц, уæд сæ уынæр дзæбæх сыхъуысы Æхсæртæгмæ.
Уыцы уынæр ын цыдæр æхцон æнкъарæн сæвзæрын кодта йæ зæрдæйы æмæ сабыр къахдзæфтæй арасти цæугæдоны былы ’рдæм.
Иудзæвгар ауадаид, афтæ дын иу ран æнæнхъæлæджы дзыхълæуд куы фæкæнид: йæ тæккæ ныхмæ, цалдæр къахдзæфы дæрддзæгæн, Дзанг, йæ алыфарс сыджыт — къахт, лæгæн йæ къухы фæйнæджы лыггæгтæй бæлæгъгонд арæзт, йæ мидæг доны змæстæй ног къахт сыджыт бæлæгъгонды куы иуырдæм фæкъул кæны, куы иннæрдæм.
Æхсæртæг хорзау нал уыд. Дзанджы хабар æй цыдæр тасы ныппæрста. Иуæй-иу æрратæ дæр ма афтæ фæкæнынц. Ма сæрра уа, — фæтарст æмæ йæ тас бамбæхсын нал баци йæ бон.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0