Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

58. ПУХОВИМÆ НЫХАС

58. ПУХОВИМÆ НЫХАС
Рафыссын
Дзанг сæм æнхъæлмæ каст... Хъæуæй Трофим Петровичы дуканийæ нозт йемæ ахаста. Йæхимæ ма саджы фыд уыди. Æхсæвæр сцæттæ кодта... Пуховмæ хорз фæкастысты нозтæй. Уасил зыдта, Пухов кад æмæ цыт уарзаг кæй у, æмæ йæ сыстыдта, уæлæрвты онг æй систа, Пухов ахстытæн сæ хъадамантæ кæй систа, кæй сыл баууæндыд, куыд стыр рæдау æмæ рæсугъд зæрдæйы хицау у. Стæй ахæстоны хицау майор Ста­хов нæ, фæлæ Пухов куы уаид, уæд йæ диссаджы сабыр куырыхон зонд æмæ адджын æвзагæй Фыдыбæстæйæн йæ хæтæнхауæг фыртты Чырыстийы раст фæндагыл бафтауид.
Æмæ нытъæлланг ластой, рагæй фæстæмæ йæ мидзæрдæйы йæхи цы рæсугъд бæллицтæй рæвдыдта, уыдон. Куыд тынг сæм æнхъæлмæ каст — куыд æрæгмæ йын сæ загътой. Æмæ сæ уымæй дæр чи загъта? Ахст лæг. Йæ хицæуттæ та — уд æмæ зæрдæйæ кæмæн фæлæггад кодта, уыдонæй йæ абоны онг хъуыдыгæнæг ничи. Æмæ куыд фæбузныг ис, куыд Уасил æмæ Дзангæй. Дæс æмæ ссæдз азы службæ кæны ахæстоны Пухов æмæ жандармты кæстæр афицеры чинæй уæлдæр нæма схызт. Фæхъыг æй кодтой, йæ службæйы асинтыл æй бæрзонддæр къæпхæнмæ не суагътой. Афтæмæй йæ рæхджы пенсийы цæуын хъæуы. Жмæ куыд цæрдзæни хæдзарыдзаг бинонтимæ ахæм чысыл пенсийæ?
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0