Цæгат Ирыстоны ацыдысты зынгфæдисон ирвæзынгæнджыты ᾿хсæн республикон ерыстæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Ирыстоны ацыдысты зынгфæдисон-ирвæзынгæнджыты ᾿хсæн республикон ерыстæ
Цæгат Ирыстоны ацыдысты зынгфæдисон-ирвæзынгæнджыты ᾿хсæн республикон ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Зынгфæдисон ирвæзынгæнджыты республикон ерыстæ ацыдысты цæгатирыстойнаг горæт Мæздæджы, хъусын кæны ПТРК "Алани".
Ерысты хайад райстой цыппар командæйы. Хайадисджытæй домдтой, цæмæй сæххæст кæной хæслæвæртæ – зианбаййафджыты ирвæзын кæнын фæндагон-транспортон цауты уавæрты. Оперативонæй рахизын кæнын хæдтулгæйæ зианбаййафджыты æмæ сын фыццаг æххуысæ сифтонг кæнын.
Банысангонд æрцыдис, алы командæ дæр хорз фæстиуджытимæ кæй ралæууыдис, фæуæлахиз ис мæздæджы командæ. Призон бынæттæ чи бацахста, уыцы хайадисджытæн радтой хæрзиуджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0