Цхинвалы ацæудзæн уникалон цуанон хæцæнгарзы равдыст

Цуанон хæцæнгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацæудзæн уникалон цуанон хæцæнгарзы равдыст.
"Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 7 апрелы 11.00 сахатыл ацæудзæн зындгон дунейон компаниты (Англи, Бельги, Франци, Итали, Германи, Уæрæсе, ССРЦ æмæ æндæртæ) уникалон цуанон хæцæнгарзы равдыст. Уыдон сты не ‘мбæстаг Бекъойты Роланды коллекцийæ", - фехъусын кодтой университеты.
Мадзал ауадздзысты ХИПУ-йы музейон комплексы. Равдыст цæудзæн æрмæстдæр иу бон, банысан кодтой университеты.
Ног хабӕртты лентӕ
0