Азымджынтæ æфхæрд баййафдзысты: президент радзырдта "Дзабиты Иналы хъуыддаджы" тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзабиты Иналы зиан
Дзабиты Иналы зиан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Закъоны раз алчидæр ратдзæнис дзуапп, фæлæ "Дзабиты Иналы хъуыддаджы" иу æнæазымджын дæр нæ ахæсдзæн æфхæрддзинад.
Президентæн ис фыццаг стыр пресс-конференци. Паддзахады сæргълæууæг сæмбæлд журналисттимæ Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæстæ, уым ацыд фембæлд Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ.

"Фæстаг дыууæ азы Дзабиты Иналы хъуыддаг у иуыл проблемондæр фарстытæй иу. Ныртæккæ фæцис фæдагуырдон куыст æмæ фарсытæ зонгæ кæнынц уголовон хъуыддаджы æрмæджытимæ, уый фæстæ сæ арвитдзысты тæрхондонмæ. Рахицæн дзы кодтой æндæр уголовон хъуыддагмæ æрмæджытæ, уыдоны фæстиуæгæн гæнæн ис æмæ бæрнон чиновникты ныхмæ уголовон хъуыддаг сцырын уа", - загъта Гаглойты Алан.

Президент фидарæй загъта, иу æнæазымджыны дæр кæй нæ бафхæрдзысты, фæлæ зылынджынтæ хъуамæ радтой дзуапп закъоны раз.
Ног хабӕртты лентӕ
0